Товма Мецопеци
Товма Мецопеци | |
---|---|
Թովմա Մեծոպեցի | |
| |
Райгуырды датæ | 1378[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | хъæу Аги (Арчешы провинци) |
Мæлæты датæ | 1446-æм азы 24 майы[3][4] |
Мæлæты бынат | |
Зонады къабаз | историк, педагог |
Альма-матер | |
Ахуыргæнинæгтæ | Киракос Банасер[d] |
Зындгонд у куыд | «Тимур æмæ йæ фæдонты историйы» автор |
Викикъæбицы медиа |
То́вма Мецопеци́ (райгуырдис 1378-æм азы — амардис 15-æм майы 1446-æм азы) — сомихаг историк, педагог, культурон-æхсæнадон архайæг[5]
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Райгуырдис Степаносы æмæ Шамшийы номджын бинонты. Бирæ кæй фæархайдта Мецопы хъæуы Каджеберуничы провинцийы, уый тыххæй ын радтой Мецопецийы фæсномыг. Райдайæн ахуырад иста 1386-æм азæй Мецопы моладзандоны Ованес Мецопецимæ. 1393—1401-æм æзты ахуыр кодта Харабасты моладзандоны дины семинары Саргис Апракуцинимæ æмæ Вардан Огоцванецимæ. 1406-æм азæй йæ ахуырад адарддæр кодта Татевы университеты Григор Татевацимæ. Рæхджы райста вардапеты (архимандриты) дины цытном. 1410-æм азы Айраратæй рацыдис Мецопмæ, уым хистæриуæг кодта 30 азæй фылдæр. Уыцы рæстæджы цы æвадат политикон уавæртты уыд, уыдоны тыххæй 1436-æм азы ацыд Багешмæ, 1437-æм азы — Мушмæ. Йæ дины разамынды рæстæджы Мецопы моладзандоны йæ тæмæны уыдысты зонад, культурæ æмæ ахуырад.
Хайад иста Эчмиадзинон синоды 1441-æм азы. Амардис уацы рæстæджы.
Куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]Товма Мецопеци уыдис историон æмæ педагогикон куыстыты автор. Иуыл зындгонд дзы у «Тимур æмæ йæ фæдоны истори», ныффыста йæ 1430-æм—1440-æм æзты. Уыцы куысты фыссы 1386—1440-æм æзты хабæртты тыххæй, æмæ нывондгонд у Тамерланы, Шахрухы æмæ Кара-Коюнлуйы, уый йеддæмæ ма Хуссар Кавказы адæмты политикон историйæн[6]. Уый у ахсджиаг ратæдзæн Тамерлан Сомихы æмæ Æввахс Хурыскæсæны куы цыд, уыцы дугæн. Фыццаг хатт æй мыхуыры рауагътой Парижы 1860-æм азы. 1957-æм азы рацыдис мыхуыры Бакуйы уырыссаг æмæ азербайджайнаг æвзæгтыл Т. Тер-Гриноряны тæлмацы.
Историон куыст «Хроникæйы» автор, сомихаг æвзагы ахуыргæнæны чингуыты автор.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Vardapet Tʻovma Metsobetsʻi // Faceted Application of Subject Terminology
- ↑ Mecop'ec'i T'ovma // CERL Thesaurus (англ.) — Consortium of European Research Libraries.
- ↑ 3,0 3,1 3,2 Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. Խուդավերդյան — Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
- ↑ 4,0 4,1 Ով ով է. հայեր (сом.) / ред. Հ. Այվազյան — Երևան: Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 2005.
- ↑ Товма Мецопеци. Армянская советская энциклопедия. — Ер., 1978. — Т. 4. — С. 201-202.
- ↑ Товма Мецопеци. Статья из Большой советской энциклопедии (3 издание)
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- «История Тимура и его преемников», Часть I, Часть II,Часть III. На сайте Восточная литература
- Житие Товмы Мецопеци Архивгонд æрцыдис 1 апрелы 2013 азы.